Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.
Иаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъарӕй, – ӕцӕгӕлон адӕмты ӕхсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.
Ӕхсӕвӕй-бонӕй кувӕм ӕвӕллайгӕйӕ, цӕмӕй уӕ фенӕм лӕгӕй-лӕгмӕ ӕмӕ баххӕст кӕнӕм, уӕ уырнындзинад цы хъуаг у, уый.
Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры.