Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕивгъуыйы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, Адӕймаджы Фыртыл гадзрахатӕй цы адӕймаг рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг фӕлтау куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».
Муртаттӕн уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та – намыс».
Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас – чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас.
Уый у Йӕ буары, Аргъуаны, Сӕр. Уый у сӕрӕвӕрӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас, цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа Йӕ дӕлбар.
Ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ – мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Уый мах уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы ссӕрибар кодта нӕ тӕригъӕдтӕй,