Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр. Ӕмӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уый тыххӕй дзырдтон, Моисейы Ӕгъдауы, пехуымпарты чингуыты ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ». Уӕд сын байгом кодта сӕ зонд Сыгъдӕг Фыст ӕмбарынӕн, Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид; Ӕмӕ, Иерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ номӕй фӕсидтӕуа, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ныббарстӕуа сӕ тӕригъӕдтӕ. Фӕлӕ дӕуӕн сӕттын ууыл, ӕмӕ уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ кусын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы у ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.
Выбор основного перевода