Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕ тухӕнты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты ӕрцыд апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Хицауы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Хицау ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕй ӕмӕ диссӕгтӕй. Павел ацы хатт дӕр йӕ ахуыр нӕ фехӕлдта, бацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта. Сыгъдӕг Фыстӕй-иу сын ӕрхаста бынӕттӕ, Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейты ӕмӕ бердзенты баууӕндын кӕныныл. Аполлос ныфсджынӕй дзурын райдыдта синагогӕйы. Акилӕ ӕмӕ йӕм Прискиллӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕй ахуыдтой сӕхимӕ ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бацамыдтой Хуыцауы фӕндаг. Иудейтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй, ӕмӕ афтӕмӕй архайдта сӕ баууӕндын кӕныныл.
Выбор основного перевода