Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цы ӕрцыд, уый Сергий Павел куы федта, уӕд Хицауы тыххӕй цы базыдта, уый йӕ бафтыдта стыр дисы, ӕмӕ баууӕндыд. Йӕ ӕххуысгӕнджытӕй дыууӕйы, Тимофейы ӕмӕ Эрасты, арвыста Македонимӕ, йӕхӕдӕг та рӕстӕгмӕ баззад Асийы. Сымах та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Асийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы – баууӕндын сӕ кодта, лӕджыкъухӕйконд хуыцӕуттӕ хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ. Махӕн дзы уымӕй тӕссаг у, ӕмӕ сӕгад уыдзӕн канд нӕ дӕсныйад нӕ, фӕлӕ ӕппындӕр цӕсты нал ахаддзӕн стыр ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндон дӕр; ӕмӕ йӕ ном нал нӕрдзӕн, ӕппӕт Аси ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕмӕн кувынц, уыцы ус-хуыцауӕн». Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы, ӕхсӕвӕй-бонӕй, сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый. Салам уын дӕттынц Асийы аргъуантӕ; зӕрдиаг чырыстон салам уын дӕттынц Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ, стӕй сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уый дӕр.
Выбор основного перевода