Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй. Афтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы фӕзынд Иоанн, аргъуыдта донӕй ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй тӕригъӕдтӕ хатыргонд уой, уый тыххӕй сыл хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ аргъуыд райсын. Адӕмӕн дзырдта: «Мӕ фӕдыл ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр. Ӕз ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ Йын Йӕ дзабыры бос райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕз сымахыл донӕй аргъуыдтон, Уый та уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй». Йесойы ӕрцыды хӕдразмӕ Иоанн ӕппӕт израилаг адӕммӕ сидтис тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ аргъуыд райсынмӕ. Иоанн йӕ куыст куы фӕци, уӕд загъта: „Кӕуыл мӕ нымайут? Нӕ, ӕз уый нӕ дӕн. Фӕлӕ мӕнӕ мӕ фӕстӕ ӕрцӕуы, ӕз Кӕй дзабыры бос райхалыны аккаг нӕ дӕн, Уый". Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куы нӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл фӕсмон. Иудейтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Хицау Йесойыл ӕууӕндынмӕ.
Выбор основного перевода