Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Хицауы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Хицау ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕй ӕмӕ диссӕгтӕй. Баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди – цатыртӕ аразын. Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейты ӕмӕ бердзенты баууӕндын кӕныныл. Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕхи снывонд кодта Хуыцауы ныхас амонынӕн – иудейты ӕууӕндын кодта, Йесо Чырысти кӕй у, ууыл. Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уый тыххӕй Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уӕ сӕфты тыххӕй уӕхӕдӕг стут азымджын, ӕз сыгъдӕг дӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ муртаттӕм цӕудзынӕн». Уӕд ахызтысты Мисийыл ӕмӕ ӕрцыдысты Троадӕмӕ. Ӕмӕ Павел уыцы ӕхсӕв йӕ цӕстылуайӕны федта: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македониаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».
Выбор основного перевода