Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кӕмӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Кӕимӕ баззайгӕ фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг". Йесо афтӕ загъта, Ууыл ӕууӕндджытӕ Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, уыцы Сыгъдӕг Уды тыххӕй. Уӕд Сыгъдӕг Уды нӕма рарвыстӕуыд, уымӕн ӕмӕ Йесойы намыс нӕма раргом. Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл райсӕд аргъуыд, цӕмӕй уын хатыргонд уой уӕ тӕригъӕдтӕ; ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – схайджын уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй. Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма схайджын Сыгъдӕг Удӕй – ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Хицау Йесойы номыл. Петр ӕмӕ Иоанн сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй. Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд фыййӕуттӕй сӕвӕрдта – Хуыцау Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, хизут уыцы Аргъуан.
Выбор основного перевода