Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ». Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй чи сади, бирӕ ахӕмты, ӕмӕ адӕмӕй расырдта бирӕ дӕлимонтӕ. Дӕлимонтӕн нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ зонгӕ кодтой. «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ». Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй-иу дӕлимонтӕ рацыдысты ӕмӕ-иу хъӕр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырысти кӕй у, уый. Иухатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг. Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Дунедарӕг Хуыцауы цагъартӕ сты; фервӕзӕн цы амалӕй ис, уыдон уын уый тыххӕй дзурынц». Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел, ӕппынфӕстаг, смӕсты, акаст фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын дӕттын бардзырд: рацу дзы». Ӕмӕ дзы уайтӕккӕ рацыд. Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.
Выбор основного перевода