Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕлхӕдзар чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй исты рахӕссынмӕ. «Ӕз куывтон Иоппийы сахары ӕмӕ мӕ цӕстыл ауад: ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд уӕларвӕй; ӕмӕ ӕрхӕццӕ мӕнмӕ. Ӕз ӕм ӕдзынӕг ныккастӕн, ӕмӕ дзы федтон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, сырдтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ. Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр". Фӕлӕ ӕз загътон: „Уый нӕ уыдзӕн, Хицау! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ахӕмӕй мӕ дзыхы никуы ницы уыди". Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай". Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ. Ӕмӕ уайтӕккӕ ӕртӕ лӕджы ӕрбалӕууыдысты, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты. Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕ гуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнилийы хӕдзармӕ. Корнилий нын радзырдта, йӕ хӕдзары зӕды куыд федта, уый тыххӕй. Зӕд ын загъта: „Арвит Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ".
Выбор основного перевода