Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном – Корнилий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау. Йеппӕт хӕдзаронтимӕ нымадта Хуыцауы ӕмӕ Дзы тарсти, мӕгуыр адӕмӕн бирӕ ӕххуыс кодта ӕмӕ иудадзыг куывта Хуыцаумӕ. Иухатт боны фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг уый бӕлвырд федта Хуыцауы зӕды. Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Корнилий!» Корнилий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Хицау?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕн де 'ххуыс Хуыцауӕй нӕ ферох сты. Арвит лӕгтӕ Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый уазӕгуаты ис, йӕ хӕдзар денджызы былыл кӕмӕн ис, уыцы цӕрмгуыстгӕнӕг Симонмӕ. [Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ.]» Йемӕ чи ныхас кодта, уыцы зӕд куы ацыд, уӕд Корнилий фӕдзырдта йӕ фӕсдзӕуинтӕй дыууӕмӕ, стӕй йӕ цумагӕнӕн ӕфсӕддонтӕй иумӕ, Хуыцауыл ӕнувыд лӕгмӕ. Цы ӕрцыд, уый сын радзырдта ӕмӕ сӕ арвыста Иоппимӕ. Йӕ хуыз уыдис арвӕрттывдау, йӕ дарӕс – митау урс-урсид. Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд уым федтой урс дарӕсджын лӕппуйы рахизырдыгӕй бадгӕ; ӕмӕ фӕтарстысты. Ӕмӕ фӕджих сты. Ӕваст сӕ разы февзӕрдысты дыууӕ лӕджы ӕрттивгӕ дарӕсы. Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы, Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ.
Выбор основного перевода