Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Самариӕгтӕ Йӕм куы ӕрцыдысты, уӕд Ын лӕгъстӕ кодтой, куыд сӕм афӕстиат уа, афтӕ. Баззади сӕм дыууӕ боны. Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл райсӕд аргъуыд, цӕмӕй уын хатыргонд уой уӕ тӕригъӕдтӕ; ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – схайджын уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй. Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма схайджын Сыгъдӕг Удӕй – ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Хицау Йесойы номыл. Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд аргъуыд райстой Хицау Йесойы номыл. Чырысти мӕ аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ зондджын къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй нӕ, цӕмӕй ма фесӕфа Чырыстийы дзуары тых.
Выбор основного перевода