Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Ӕз куывтон Иоппийы сахары ӕмӕ мӕ цӕстыл ауад: ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд уӕларвӕй; ӕмӕ ӕрхӕццӕ мӕнмӕ. Ӕз ӕм ӕдзынӕг ныккастӕн, ӕмӕ дзы федтон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, сырдтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ. Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр". Фӕлӕ ӕз загътон: „Уый нӕ уыдзӕн, Хицау! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ахӕмӕй мӕ дзыхы никуы ницы уыди". Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай". Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ. Ӕмӕ уайтӕккӕ ӕртӕ лӕджы ӕрбалӕууыдысты, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты. Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕ гуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнилийы хӕдзармӕ. Корнилий нын радзырдта, йӕ хӕдзары зӕды куыд федта, уый тыххӕй. Зӕд ын загъта: „Арвит Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ". Ӕз дзурын куы райдыдтон, уӕд уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, раздӕр Дзы мах куыд схайджын стӕм, афтӕ. Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: „Иоанн донӕй аргъуыдта, сымах та аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй". Мах Хицау Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау цы радта, кӕд муртаттӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?» Ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ уынын арвы дуар гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ». Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.
Выбор основного перевода