Самариаг сылгоймаг Ын загъта: «Ды иудей куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» Афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ иудейтӕ самариӕгтыл не 'рвӕссынц.
Каиафӕйӕ Йесойы сӕумӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейтӕ сӕхӕдӕг нӕ бацыдысты галуанмӕ, цӕмӕй ма счъизи уой ӕмӕ сын Куадзӕн хӕрын ӕмбӕла.
Уӕд ӕм дыккаг хатт ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай».
Фарны уацы фӕрцы муртаттӕ дӕр, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, иудейтимӕ уыдзысты иу буар ӕмӕ уыдонимӕ хай райсдзысты, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй.