Йесо сӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ Мӕнмӕ лӕвӕрд сты.
Ам иудейы ӕмӕ муртаты ӕхсӕн хъауджы нӕй – сеппӕтӕн дӕр иу Хицау ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн.
Уыцы тых Хуыцау равдыста Чырыстийыл – мӕрдтӕй Йӕ райгас кодта ӕмӕ Йӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йӕ рахиз фарс,
Хуыцау ӕппӕт дӕр фӕкодта Чырыстийы къӕхты бын, сӕвӕрдта Йӕ тӕккӕ уӕлдӕр бынаты – Аргъуаны сӕргъы.