Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иоанны кӕй ӕрцахстой, уый Йесо куы фехъуыста, уӕд ацыди Галилеймӕ. Назарет ныууагъта, ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Завулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл. Афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхӕй Хуыцау цы загъта, уый: «Денджызмӕ фӕндагыл Иорданы иннӕ фарс чи ис, Завулоны ӕмӕ Неффалимы уыцы зӕхх, муртаттаг Галилей – Талынджы цӕрӕг адӕм федтой стыр рухс, мӕлӕты талынг бӕстӕйы цӕрӕг адӕмӕн сӕрттывта рухс». Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта фарны уац хъусын кӕнын: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад».
Выбор основного перевода