Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иаковимӕ Мысырмӕ йӕ бинонтимӕ чи ӕрцыди, мӕнӕ Израилы уыцы фыртты нӕмттӕ: Рувим, Симеон, Левий, Иуда, Иссахар, Завулон, Вениамин, Дан, Неффалим, Гад ӕмӕ Асир. Иаковы байзӕддӕгтӕ, йӕ тугйе стӕг, ӕдӕппӕт уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймаджы; Иосиф та Мысырмӕ раздӕр ӕрбафтыди. Мӕнӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ: Израилы хистӕр фырт Рувимы фырттӕ: Ханох, Фаллу, Хецрон ӕмӕ Харми; уыдон, алчидӕр йӕхи байзӕддагимӕ, сты Рувимы мыггаг. Симеоны фырттӕ: Иемуил, Иамин, Огад, Иахин, Цохар ӕмӕ Саул – ханаанаг сылгоймаджы лӕппу; уыдон, алчидӕр йӕхи байзӕддагимӕ, сты Симеоны мыггаг. Мӕнӕ Левийы фыртты нӕмттӕ хистӕрӕйкӕстӕрмӕ: Гирсон, Кааф, Мерари. Левий ӕдӕппӕт фӕцард сӕдӕ ӕртын авд азы.
Выбор основного перевода