Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз демӕ дӕн; кӕдӕмфӕнды ма ацӕуай – бахиздзынӕн дӕ. Фӕстӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн ацы зӕхмӕ. Ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, цалынмӕ уый сӕххӕст кӕнон, уӕдмӕ». Иосиф ныддӕлгом йӕ фыдыл, куыдта йыл ӕмӕ йын батӕ кодта. Йӕ фырттӕ йын йӕ мард ахастой Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Авраам йӕ мӕрдты ныгӕнынӕн Мамрейы акомкоммӕ хеттаг Ефронӕй Махпелы быдыры цы лӕгӕт балхӕдта, уым. Иухатт Иосиф йе 'фсымӕртӕн загъта: «Ӕз мӕлын; фӕлӕ уӕм Хуыцау ӕнӕмӕнг ӕркӕсдзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм». Иосиф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта: «Хуыцау уӕм ӕркӕсдзӕн ӕнӕмӕнг, ӕмӕиу мын ме стджытӕ ахӕссут ардыгӕй». Ӕз ӕрхызтӕн мысырӕгты къухӕй сӕ байсынмӕ; Ӕз сӕ уыцы бӕстӕйӕ ракӕндзынӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд цӕугӕдонау кӕм кӕлынц, ханаанӕгты, хетты, аморрӕгты, ферезӕгты, хиввӕгты ӕмӕ иевусӕгты уыцы бӕркадджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ.
Выбор основного перевода