Иосифы ӕфсымӕртӕ ацыдысты сӕ фыды дзугтӕ Сихеммӕ хӕстӕг хизынмӕ.
Иосиф ӕрцыди фараонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ ме 'фсымӕртӕ сӕ фысвос ӕмӕ стуртимӕ, цы сӕм ис, уыцы мулкимӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй, ӕмӕ ныртӕккӕ сты Гесемы».
Иосифӕн ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр – хицӕнӕй, стӕй ма Иосифимӕ чи хордта, уыцы мысырӕгтӕн дӕр – хицӕнӕй. Уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл нӕ бадтысты – ӕлгъаг сӕм касти.