Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Лиа басывӕрджын, ныййардта лӕппу, сӕвӕрдта йыл ном – Рувим, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Хуыцау федта мӕ хъизӕмар; ныр мӕ ӕнӕмӕнг бауарздзӕн мӕ мой». Лиа ноджыдӕр басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Мӕ лӕг мӕ кӕй нӕ уарзы, уый фехъуыста Хуыцау, ӕмӕ мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Лиа йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Симеон. Лиа та ногӕй басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ лӕг мӕнӕй фылдӕр никӕйуал уарздзӕн – ӕртӕ фырты йын ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном, – Левий. Лиа та басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Ныр ӕз арфӕ ракӕндзынӕн Хуыцауӕн». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Иуда. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ зӕнӕг нал цыди. Хуыцау фехъуыста Лиайы – сылгоймаг басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта фӕндзӕм лӕппу. Уӕд Лиа загъта: «Мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаджы мӕ мойӕн кӕй радтон, уый тыххӕй мӕ барӕвдыдта Хуыцау». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Иссахар. Лиа та ногӕй басывӕрджын, ӕмӕ Иаковӕн ныййардта ӕхсӕзӕм лӕппу. Уӕд Лиа загъта: «Хуыцау мын стыр лӕвар ракодта. Ныр мӕ мойы цӕсты кадджын уыдзынӕн, уымӕн ӕмӕ йын ӕхсӕз фырты ныййардтон». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Завулон. Уый фӕстӕ Лиа ныййардта чызг, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном – Динӕ.
Выбор основного перевода