Цалынмӕ ӕххормаг азтӕ нӕ райдыдтой, уӕдмӕ Оны сахары дины лӕг ПотиФеры чызг Асенафӕ Иосифӕн ныййардта дыууӕ фырты.
Иосиф йӕ хистӕр фыртыл сӕвӕрдта ном – Манассиа, ӕмӕ загъта: «Хуыцауы уынаффӕйӕ мӕнӕй ферох сты меппӕт зынтӕ ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар».
Йӕ дыккаг фыртыл та сӕвӕрдта ном – Ефрем, ӕмӕ загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты бӕстӕйы мын Хуыцау радта цот дӕр».