Лаван йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕйы йӕ чызг Рахилӕн радта лӕггадгӕнӕгӕй.
Валлӕ басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта лӕппу.
Уӕд Рахил загъта: «Хуыцау мӕ сраст кодта; фехъуыста мӕ кувын, ӕмӕ мын радта лӕппу». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Дан.
Рахилы лӕггадгӕнӕг сылгоймаг Валлӕ ноджыдӕр басывӕрджын ӕмӕ Иаковӕн ныййардта дыккаг лӕппу.
Уӕд Рахил загъта: «Стыр тохы бацыдтӕн мӕ хоимӕ, ӕмӕ фӕуӕлахиз дӕн». Ӕмӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Неффалим.