Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Аврамы фосы ӕмӕ Лоты фосы фыййӕуттӕн бацайдагъ быцӕу. (Ханаанӕгтӕ дӕр ӕмӕ ферезӕгтӕ дӕр уӕд уыцы зӕххыл цардысты.) Аврам загъта Лотӕн: «Мӕн ӕмӕ дӕу ӕхсӕн, мӕ фыййӕутты ӕмӕ дӕ фыййӕутты ӕхсӕн хъаугъа ма уӕд; уымӕн ӕмӕ мах хӕстӕджытӕ стӕм. Исаак арамейаг Вафуилы (ПадданАрамы цӕрӕджы) чызджы – арамейаг Лаваны хо Ревеккӕйы куы ракуырдта, уӕд ыл цыди дыууиссӕдз азы. Мӕнӕ Иаковы бинонты хабар. Ӕвддӕсаздзыд Иосиф хызта фысвосы дзугтӕ йе 'фсымӕртимӕ – йӕ фыдыустытӕ Валлӕ ӕмӕ Зелфӕйы лӕппутимӕ. Ӕмӕ уыдоны тыххӕй сӕ фыдмӕ хаста ӕвзаг. Иосифы ӕфсымӕртӕ ацыдысты сӕ фыды дзугтӕ Сихеммӕ хӕстӕг хизынмӕ. Иосифӕн ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр – хицӕнӕй, стӕй ма Иосифимӕ чи хордта, уыцы мысырӕгтӕн дӕр – хицӕнӕй. Уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ дзуттӕгтимӕ иу фынгыл нӕ бадтысты – ӕлгъаг сӕм касти. Ӕрцӕрдзынӕ Гесемы зӕххыл. Дӕхӕдӕг ӕмӕ дӕ фырттӕ, дӕ фыртты цот, фысвос ӕмӕ стуртӕ – уеппӕт дӕр уыдзыстут мӕ фарсмӕ. Ракӕнут уӕ фыды, уӕ бинонты ӕмӕ ӕрцӕут мӕнмӕ. Ӕз уын ратдзынӕн Мысыры хуыздӕр зӕххытӕ, ӕмӕ цӕрдзыстут уыцы зӕххы сойӕ“. Фӕлӕ йын Моисей дзуапп радта: «Афтӕ бакӕнын не 'мбӕлы. Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссын мысырӕгты цӕсты ӕлгъаг у; ӕмӕ сын ӕлгъаг цы у, мах мысырӕгты раз уыцы нывонд куы ӕрхӕссӕм, уӕд нӕ дуртӕй нӕ амардзысты, мыййаг?
Выбор основного перевода