Иосиф азылд иннӕрдӕм ӕмӕ скуыдта, стӕй та сӕм раздӕхта йе 'ргом ӕмӕ ныхас кодта семӕ. Уый фӕстӕ рахицӕн кодта Симеоны ӕмӕ сын ӕй сӕ цӕстыты раз сбаста.
Афтӕ хъӕрӕй скуыдта, ӕмӕ йӕ фехъуыстой мысырӕгтӕ. Хабар байхъуысти фараоны хӕдзармӕ дӕр.
Иосиф ныттыхст йе 'фсымӕр Вениамины ӕфцӕгыл ӕмӕ куыдта; Вениамин дӕр ын ныттыхст йе 'фцӕгыл ӕмӕ куыдта.
Иосиф йе 'фсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр батӕ ӕмӕ хъӕбыстӕ кодта кӕугӕйӕ. Уый фӕстӕ ӕфсымӕртӕн бацайдагъ ныхас Иосифимӕ.
Уӕд Иосиф сифтонг кодта йӕ хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ ацыди Гесеммӕ, йӕ фыд Израилы размӕ. Куы фембӕлдысты, уӕд ыл ныттыхст ӕмӕ дзӕвгар фӕкуыдта.