Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Мах не 'ппӕт дӕр иу лӕджы фырттӕ стӕм, ӕнӕхин адӕймӕгтӕ; дӕ цагъартӕ сгарджытӕ никуы уыдысты». Уыдон дзуапп радтой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕры уыдыстӕм. Ханааны зӕххӕй стӕм, иу лӕджы фырттӕ. Не 'фсымӕртӕй иу нал и, кӕстӕр та ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис». Уыдон ын дзуапп радтой: «Уыцы лӕг нӕ бӕстон фарста нӕхи тыххӕй дӕр ӕмӕ нӕ бинонты тыххӕй дӕр: „Уӕ фыд ма удӕгас у? Ӕфсымӕр ма уын ис?“ Мах ын дзуапп лӕвӕрдтам йӕ фарстытӕн. Уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыдыстӕм, ӕмӕ нын афтӕ зӕгъдзӕн: „Ӕркӕнут уе 'фсымӕры“?» Иосиф йе 'фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Иосиф дӕн! Мӕ фыд ма удӕгас у?» Йе 'фсымӕртӕ фыртӕссӕй афтӕ фӕджих сты, ӕмӕ йын дзуапп раттын сӕ бон нал уыд.
Выбор основного перевода