18
Иосифы хӕдзармӕ сӕ кӕй бахуындӕуыд, уый ӕфсымӕрты бауагъта тас ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Айразмӕ нын нӕ голджыты цы ӕвзист раздӕхтой, уый тыххӕй нӕ ӕрбахуындӕуыд мидӕмӕ. Сӕ фӕнд у, цӕмӕй нӕ базылын кӕной истӕмӕй, сӕхи ныл ныццӕвой ӕмӕ нӕ ӕрцахсой, скӕной нӕ цагъартӕ ӕмӕ нын нӕ хӕрджытӕ байсой».