Фӕндагыл ӕхсӕвиуатмӕ куы ӕрлӕууыдысты, уӕд сӕ иу, хӕрӕгӕн холлаг раттыны тыххӕй, райхӕлдта йӕ голладжы ком, ӕмӕ дзы разынд йе 'взист.
Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕй хор куы ӕркалдтой, уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр йе 'взисты тыхтон разынд йӕ голладжы. Се 'взист куы федтой, уӕд сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ фыды дӕр тас бацыди.
Уемӕ ӕвзист айсут дыууӕ хатты фылдӕр, цӕмӕй фӕстӕмӕ раттат, айразмӕ уын уӕ голджыты комы цы ӕвзист раздӕхтой, уый дӕр; чи зоны, рӕдигӕ фӕкодтой.
Ӕфсымӕртӕ айстой семӕ уыцы лӕвӕрттӕ, ӕвзист дыууӕ хатты фылдӕр, акодтой Вениамины, ацыдысты Мысырмӕ ӕмӕ ӕрлӕууыдысты Иосифы раз.