Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иаков ӕй базыдта ӕмӕ загъта: «Уый мӕ фырты хӕдон у! Хъӕддаг сырд ӕй бахордта! Иосифы сырд кӕй бахордта, уый гуырысхойаг нӕу!» Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕм йӕ чызджытӕ ӕгасӕй дӕр ӕрцыдысты ныфсытӕ ӕвӕрынмӕ, фӕлӕ йӕм ницы хъардта. Иаков дзырдта: «Нӕ, ӕз хъыгзӕрдӕйӕ ныххиздзынӕн ингӕнмӕ, мӕ фыртмӕ». Афтӕ Иаков куыдта йӕ фыртыл. Йӕ ныхасмӕ ма бафтыдта: «Ӕз фехъуыстон, Мысыры, дам, ис хор. Фӕцӕут уырдӕм ӕмӕ нын уым хор балхӕнут, цӕмӕй аирвӕзӕм ӕмӕ ма амӕлӕм». Ӕмӕ лӕппу немӕ кӕй нӕй, уый нӕ фыд куы фена, уӕд амӕлдзӕн. Афтӕмӕй дӕ цагъартӕ нӕ зӕронд фыды, дӕ цагъары утӕхсӕнгӕнгӕ арвитдзысты ингӕнмӕ.
Выбор основного перевода