Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой сӕныкк, райстой Иосифы хӕдон ӕмӕ йӕ самӕстой тугӕй. Уый фӕстӕ уыцы нывӕфтыд хӕдон равдыстой сӕ фыдмӕ ӕмӕ йын загътой: «Мӕнӕ цы ссардтам! Ӕркӕсма йӕм, дӕ фырты хӕдон нӕу, мыййаг?» Иаков ӕй базыдта ӕмӕ загъта: «Уый мӕ фырты хӕдон у! Хъӕддаг сырд ӕй бахордта! Иосифы сырд кӕй бахордта, уый гуырысхойаг нӕу!» Иаков йӕ уӕлӕ ӕррӕдывта йӕ дарӕс, йӕ астӕуыл ӕрбабаста хъисын, ӕмӕ дзӕвгар рӕстӕг куыдта йӕ фыртыл. Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕм йӕ чызджытӕ ӕгасӕй дӕр ӕрцыдысты ныфсытӕ ӕвӕрынмӕ, фӕлӕ йӕм ницы хъардта. Иаков дзырдта: «Нӕ, ӕз хъыгзӕрдӕйӕ ныххиздзынӕн ингӕнмӕ, мӕ фыртмӕ». Афтӕ Иаков куыдта йӕ фыртыл.
Выбор основного перевода