Фӕлӕ уӕ ӕз мӕнӕ афтӕ бафӕлвардзынӕн: ард хӕрын фараоны цардӕй, сымах ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ардӕм ӕрцӕуа, уӕдмӕ.
Кӕд сымах раст адӕм стут, уӕд уӕ иу баззайӕд ахстӕй; иннӕтӕ та ацӕуӕнт ӕмӕ ахӕссӕнт хор уе 'ххормаг бинонтӕн.
Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры та ӕркӕнут мӕнмӕ. Уӕд уӕ ныхӕстӕ разындзысты раст ӕмӕ баззайдзыстут удӕгасӕй». Ӕмӕ уыдон бакастысты йӕ коммӕ.