Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иосиф йе 'фсымӕртӕм куы бахӕццӕ, уӕд ын ӕррӕдывтой йӕ даргъ ӕмӕ нывӕфтыд хӕдон, Йӕхи та йын ныппӕрстой уӕрмы. Уӕрм уыд афтид – дон дзы нӕ уыд. Ӕфсымӕртӕ ӕрбадтысты хӕрыныл. Уӕдмӕ ауыдтой измаилӕгты Галаадӕй теуатыл ӕрбацӕйцӕугӕ. Се теуатыл Мысырмӕ ластой бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, балзам ӕмӕ миррӕ. Иуда йе 'фсымӕртӕн загъта: «Не 'фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд нын уымӕй цы пайда ис? Фӕлтау ӕй ауӕй кӕнӕм измаилӕгтӕн, ӕмӕ йыл нӕ къухӕй ницы ӕрцӕудзӕн; не 'фсымӕр у – нӕ тугне стӕг». Ӕфсымӕртӕ йӕм байхъуыстой. Мадиамаг сӕудӕджертӕ сӕ рӕзты куы рацӕйцыдысты, уӕд ӕфсымӕртӕ Иосифы сластой уӕрмӕй, ӕмӕ йӕ измаилӕгтӕн ауӕй кодтой ссӕдз ӕвзист сиклыл. Уыдон та йӕ семӕ акодтой Мысырмӕ.
Выбор основного перевода