Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Иосиф йе 'фсымӕры афтӕ бирӕ уарзта, ӕмӕ йӕ скӕуынмӕ бирӕ нал хъуыдис. Уӕд бацыд уатмӕ ӕмӕ уым фӕкуыдта. Иосиф ныттыхст йе 'фсымӕр Вениамины ӕфцӕгыл ӕмӕ куыдта; Вениамин дӕр ын ныттыхст йе 'фцӕгыл ӕмӕ куыдта. Иосиф йе 'фсымӕртӕй алкӕмӕн дӕр батӕ ӕмӕ хъӕбыстӕ кодта кӕугӕйӕ. Уый фӕстӕ ӕфсымӕртӕн бацайдагъ ныхас Иосифимӕ. Ӕппӕтхъомыс Хуыцау ӕрфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы, уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Вениамины дӕр куыд рауадза, афтӕ. Мӕнӕн та кӕд нывгонд у мӕ хъӕбултӕй ӕнӕхай фӕуын, уӕд сӕ фӕуыдзынӕн ӕнӕхай». Уынаффӕгӕнӕг сын загъта: «Ӕрсабыр ут ӕмӕ ма тӕрсут; уӕ Хуыцау, уӕ фыды Хуыцау, нывӕрдта ӕвзист уӕ голджыты; уӕд уе 'взист ӕз райстон». Уый фӕстӕ сӕм уынаффӕгӕнӕг ӕрбакодта Симеоны.
Выбор основного перевода