Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уайтӕккӕ сыстадысты ӕмӕ раздӕхтысты Иерусалиммӕ, ӕмӕ уым баййӕфтой иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы иннӕтимӕ иумӕ – Уыдӕтты тыххӕй куы дзырдтой, уӕд мӕнӕ Йесо Йӕхӕдӕг лӕууы се 'хсӕн ӕмӕ сын зӕгъы: «Фӕрнджын ут!» Йӕ тухӕнты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты ӕрцыд апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Иухатт сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Иерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ. Иннӕ апостолтӕй, Хицауы ӕфсымӕр Иаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.
Выбор основного перевода