Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.
Уыдон райгуырдысты нӕдӕр туг ӕмӕ стӕгӕй, нӕдӕр нӕлгоймаджы фӕндӕй, фӕлӕ – Хуыцауӕй.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн Хуыцауы Паддзахад фенын йӕ бон нӕ бауыдзӕн».
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: дон ӕмӕ Удӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын йӕ бон нӕ бауыдзӕн.
Адӕймагӕй райгуыры адӕймаг, Удӕй та райгуыры уд.
Хойраг гуыбынӕн у, гуыбын та – хойрагӕн, фӕлӕ Хуыцау сӕ дыууӕйы дӕр фесафдзӕни. Буар та хӕтынӕн нӕу, фӕлӕ Хицауӕн, Хицау та буарӕн дӕр хицау у.