Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
«Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты цӕстытӕм, нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл». Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттыл уӕлахиз кӕнӕм нӕ Бауарзӕджы хъаруйӕ. Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Асийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм. Мах нӕ буары кӕддӕриддӕр хӕссӕм Йесойы мӕлӕт, цӕмӕй нӕ буары разына Йесойы цард дӕр. Хицау Чырыстийы фӕрцы мӕ зӕрдӕ дарын сымахмӕ рӕхджы Тимофейы арвитыныл, цӕмӕй ӕз дӕр базонон уӕ уавӕрты тыххӕй ӕмӕ барухс уа мӕ зӕрдӕ. Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй нӕ Хицау Йесо куы ӕрцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг.
Выбор основного перевода