Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой. Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы, Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ». Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Хицау Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон. Уый фӕстӕ мах, удӕгасӕй баззайджытӕ, уыдонимӕ ист ӕрцӕудзыстӕм ӕврӕгътыл, уӕлдӕфы фембӕлдзыстӕм Хицауимӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзух дӕр уыдзыстӕм Йемӕ. Сымахӕн та, ӕфхӕрдтытӕн, – удӕнцойӕ немӕ, Хицау Йесо уӕларвӕй Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд. Ӕмӕ пиллон арты Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы фарны уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй. Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Хицауӕй ӕмӕ Йе стыр намысӕй, Куы ӕрцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон сеппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл. Иннӕ мӕрдтӕ та нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы рацӕуа, уӕдмӕ. Ай у фыццаг райгас.
Выбор основного перевода