Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы фарны уац хъусын кӕнын, уый. Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон. Троадӕмӕ Чырыстийы тыххӕй фарны уац хъусын кӕнынмӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕд мын уыцы куыстӕн кӕд Хицауӕй дуар гом уыди, Зонут ӕй, ме 'фсымӕртӕ: ӕз цы фарны уац фехъусын кодтон, уый адӕймагӕй нӕ рацыд. Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта.
Выбор основного перевода