«Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй иудадзыг кӕсӕм мӕлӕты цӕстытӕм, нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл».
Уымӕн ӕмӕ мӕнмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ мах, апостолты, Хуыцау сӕвӕрдта тӕккӕ цауддӕрты бынаты – цыма нын рахастӕуыд, адӕм нӕм куыд кӕсой, афтӕмӕй амарыны тӕрхон. Махыл йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта дун-дуне – зӕдтӕ ӕмӕ адӕм.
Арӕх цыдтӕн балцыты; тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл; тӕссаг мын уыди абырджытӕй; тӕссаг мын уыди хи адӕмӕй; тӕссаг мын уыди муртаттӕй; тӕссаг мын уыди сахары; тӕссаг мын уыди ӕдзӕрӕг быдыры; тӕссаг мын уыди денджызы; тӕссаг мын уыди мӕнгӕфсымӕртӕй;