Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Адамӕн та загъта: «Дӕ усмӕ кӕй байхъуыстай, ӕмӕ дын Ӕз цы бӕласы дыргъӕй фӕдзӕхстон „Ма дзы бахӕр“, – уыцы бӕласы дыргъӕй кӕй бахордтай, уымӕ гӕсгӕ зӕхх ӕлгъыст у дӕу тыххӕй. Дӕ цӕргӕбонты йыл кӕндзынӕ къӕбӕрамалы фыдӕбон. Зӕхх дын ратдзӕни хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ какон сындз. Дӕ хойраг уыдзӕни быдираг кӕрдӕг. Дӕ цӕсгомыл лӕдӕрсдзӕни дӕ хид, афтӕмӕй амал кӕндзынӕ дӕ къӕбӕр, цы зӕххӕй дӕ скодтон, цалынмӕ дӕ уым бавӕрдӕуа ӕмӕ сыджыт фестай, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ ды сыджытӕй конд дӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ фестдзынӕ сыджыт». Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, ӕмӕ уыцы тӕригъӕдимӕ – мӕлӕт. Афтӕмӕй мӕлӕт сбарджын ӕппӕт адӕмыл, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр тӕригъӕды бафтыдысты. Уӕдӕ иу адӕймаджы тӕригъӕд ӕппӕт адӕмӕн карз тӕрхон куыд расайдта, афтӕ иу Адӕймаджы раст хъуыддаг раст кӕны ӕппӕт адӕмы ӕмӕ сын дӕтты цард. Мах зонӕм: нӕ зӕххон хӕдзар, ацы халагъуд, куы ныккӕла, уӕд нын уӕлӕрвты ис цӕрӕндон – адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы мыггагмӕйы хӕдзар. Ныр та уал хъӕрзӕм – бӕллӕм нӕ уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ. Уӕдӕ нӕ зӕххон буар куы раласӕм, уӕд дӕр бӕгънӕг нӕ уыдзыстӕм. Мах цалынмӕ ацы халагъуды цӕрӕм, уӕдмӕ хъӕрзӕм уаргъы бын. Уый тыххӕй нӕ хъӕрзӕм, ӕмӕ мах нӕ зӕххон буарӕй рахизын фӕнды; мах бӕллӕм уӕларвон буары ӕрцӕрынмӕ, цард мӕлинаджы куыд аныхъуыра, афтӕ. Хуыцау нӕ фӕлдисгӕ дӕр уый тыххӕй скодта; ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый равдисынӕн уал нӕ схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах кӕддӕриддӕр стӕм ныфсджын ӕмӕ зонӕм: цалынмӕ нӕ буары цӕрӕм, уӕдмӕ Хицауӕй дард стӕм. Мах цӕрӕм, цӕстӕй цы уынӕм, уымӕй нӕ, фӕлӕ уырнындзинадӕй. Стӕм ныфсджын, ӕмӕ хуыздӕрыл нымайӕм буарӕй рахизын ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцӕрын.
Выбор основного перевода