Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, Ӕз дӕр ӕй бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн». Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ ӕрцӕрдзыстӕм йемӕ. Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ. Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ кӕрӕдзи куы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ ӕмӕ Йӕ уарзт та ӕххӕстӕй цӕры нӕ зӕрдӕты. Уарзондзинад нӕ зӕрдӕты цӕры афтӕ ӕххӕстӕй, ӕмӕ ныфсджын уыдзыстӕм тӕрхоны бон, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы цӕрӕм, Чырысти куыд царди, афтӕ. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.
Выбор основного перевода