Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ӕмӕ иудейтӕй бирӕтӕ ӕрцыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се 'фсымӕры мӕлӕты фӕдыл сын ныфсытӕ ӕвӕрынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ кӕрӕдзийӕн мауал тӕрхон кӕнӕм, фӕлӕ уый бӕсты бацархайут, цӕмӕй уе 'фсымӕр уӕ аххосӕй ма фӕкӕла ӕмӕ тӕригъӕды ма бафта. Кӕд цы хойраг хӕрыс, уымӕй де 'фсымӕры хъыджы цӕуыс, уӕд уарзондзинадмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Уӕдӕ Чырысти кӕй тыххӕй амард, уый дӕ хойрагӕй ма саф. Не 'фсымӕрты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ мах зонӕм, мӕлӕтӕй цардмӕ кӕй рахызтыстӕм, уый. Йе 'фсымӕры чи нӕ уарзы, уый мӕлӕты къухы ис.
Выбор основного перевода