Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры ӕхсӕн Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, сыгъдӕг зӕдтимӕ Йӕ Фыды намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд». Фыды куыд нымайынц, афтӕ сеппӕт дӕр Фырты куыд нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы. Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат». Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уый баиу Хуыцауимӕ ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ. Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр.
Выбор основного перевода