Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ӕмӕ Ӕз ракурдзынӕн Мӕ Фыдӕй ӕмӕ уын ратдзӕн, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕн, уыцы иннӕ Рӕвдауӕджы – Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахиз фарс ӕмӕ куры мах тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, Хуыцау ӕмӕ адӕмы ӕхсӕн дӕр иу Ӕхсӕнылӕг ис – Адӕймаг Йесо Чырысти. Ӕмӕ Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй. Чырысти бацыд, ӕцӕг Иууылсыгъдӕджы фӕлгонц чи у, лӕджыкъухӕйконд ахӕм Иууылсыгъдӕгмӕ нӕ, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.
Выбор основного перевода