Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, асайой ӕвзӕрстыты дӕр.
Уӕхи ӕхсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм лӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты асайой сӕ фӕдыл.
Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе 'хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.