Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау. Уый райдианы уыди Хуыцаумӕ. Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕ цы сгӕрстой, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн. Йесо сын загъта: «Ӕз федтон хӕйрӕджы уӕларвӕй ӕрвӕрттывдау ӕрхаугӕ. Мӕнӕ уын Ӕз радтон кӕлмыты ӕмӕ скорпионты уӕ къӕхты бын ссӕндыны бар, знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахизы хъомыс, ӕмӕ уын ницы ӕрхӕсдзӕн зиан. Ныффыстон уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, ӕрыгон лӕппутӕ, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы ныхас цӕры уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ басастат хӕйрӕджы.
Выбор основного перевода