Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Дыккаг бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Дунейы тӕригъӕд Чи фӕхӕссы, мӕнӕ Хуыцауы уыцы Уӕрыкк. Уый Каиафӕйӕн уыд йӕхи хъуыды нӕ, фӕлӕ пехуымпар ныхас, уымӕн ӕмӕ уыцы аз алчер уыд, ӕмӕ рагагъоммӕ загъта, Йесо кӕй хъуамӕ амӕла Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау, Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ. Хуыцау Ӕй снысан кодта фидауынгӕнӕг нывондӕн, цӕмӕй Йӕ Туджы фӕрцы барст ӕрцӕуой, чи Йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уымӕй Хуыцау равдыста Йӕ рӕстдзинад – бирӕбыхсаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ адӕмы нӕ бафхӕрдта сӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй, Ӕмӕ Чырыстийы фӕрцы ӕппӕт дӕр бафидауын кӕна Йемӕ. Чырысти дзуарыл цы Туг ныккалдта, уымӕй Хуыцау бафидауын кодта уӕларвонты ӕмӕ зӕххонты. Ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕй фӕрцы фӕзынд, уыцы Хуыцауы бафӕндыд Йӕ бирӕ хъӕбулты намысмӕ ӕрхонын. Ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмӕртты фӕрцы Йесойы уыдонӕн скодта алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Ирвӕзынгӕнӕг. Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр. Уарзондзинад уый мидӕг нӕй, ӕмӕ мах бауарзтам Хуыцауы. Хуыцау нӕ Йӕхӕдӕг бауарзта ӕмӕ Йӕ Фырты нӕ тӕригъӕдты тыххӕй рарвыста фидауынгӕнӕг нывондӕн. Мах федтам ӕмӕ ӕвдисӕн стӕм, Фыд Йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕн.
Выбор основного перевода