Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры ӕхсӕн Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, сыгъдӕг зӕдтимӕ Йӕ Фыды намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд». Сымах стут нӕ ныфс, нӕ цин, стӕй нӕ Хицау Йесо куы ӕрцӕуа, уӕд Ын нӕхицӕй цӕмӕй ӕппӕлдзыстӕм, нӕ уыцы хӕрзиуӕг. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, мах ныр Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм. Фидӕны цавӕртӕ уыдзыстӕм, уый та нӕма раргом. Фӕлӕ зонӕм: куы раргом уа, уӕд уыдзыстӕм Уый хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Йӕ фендзыстӕм, цавӕр у, ахӕмӕй. Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, кӕд нын нӕ зӕрдӕ нӕ тӕрхон кӕны, уӕд ныфсджын стӕм Хуыцауы раз.
Выбор основного перевода