Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Хуыцау загъта: «Чи ис, Ӕз Уый дӕн». Хуыцау ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Израилаг адӕмӕн зӕгъ афтӕ: „Чи уыди, Чи ис ӕмӕ Чи уыдзӕн, Уый мӕ рарвыста сымахмӕ“». Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕбанцайгӕйӕ дзурынц: «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, уыцы Дунедарӕг Хицау Хуыцау сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у». Нывондхӕссӕнӕй мӕм райхъуыст: «О, Дунедарӕг Хицау Хуыцау, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Дӕ тӕрхӕттӕ». Ӕз фехъуыстон, бирӕ адӕм цыма хъӕрӕй дзырдтой, стыр ӕхсӕрдзӕны уынӕрау ӕмӕ тыхджын ӕрвнӕрды гыбар-гыбурау чи уыди, ахӕм хъӕлӕс: «Аллилуйа! Дунедарӕг Хицау Хуыцау сси паддзах! Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн лӕвар ратдзынӕн царддӕттӕг суадонӕй. «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ мызд Мемӕ ис – алкӕмӕн дӕр ратдзынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Ӕз дӕн Алфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг».
Откровение
Выбор основного перевода