Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».
Ӕз уайтӕккӕ фӕдӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард. Уӕларвы уыди паддзахы бадӕн, паддзахы бадӕны та федтон Бадӕджы.