Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Откровение
Параллельные места
Хуыцау загъта: «Чи ис, Ӕз Уый дӕн». Хуыцау ма Йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Израилаг адӕмӕн зӕгъ афтӕ: „Чи уыди, Чи ис ӕмӕ Чи уыдзӕн, Уый мӕ рарвыста сымахмӕ“». Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон». Ацы фыстӕг уӕ аргъуаны куы бакӕсат, уӕд бакӕнут афтӕ, цӕмӕй йӕ бакӕсой Лаодикийы аргъуаны дӕр; Лаодикийӕ цы фыстӕг райсат, уый та сымах бакӕсут. Рӕхджы алцӕмӕн дӕр уыдзӕни кӕрон. Уӕдӕ ут хӕдзонд, кӕддӕриддӕр цӕттӕ ӕмӕ кувут. Паддзахы бадӕнӕй-иу рацыд ӕрвӕрттывдтытӕ, хъуысти дзы ӕрвнӕрды гыбар-гыбур, паддзахы бадӕны раз сыгъдис авд артӕвзаг цырагъы – уыдон сты Хуыцауы авд уды. «Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн». Ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ кӕмӕ хъарынц, уый тӕхудиаг у. Ноджы мын загъта: «Ма басусӕг кӕн ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕ. Уымӕн ӕмӕ рӕстӕг ӕрӕввахс.
Откровение
Выбор основного перевода